Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар Райгуырæн боны цытæн арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Иван Хиль Пинтомæ.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Фæлтæрд дипломат æмæ политик уæвгæйæ, бирæ азты дæргъы дæ зонындзинæдтæ ахъаз сты Венесуэлæ æмæ йæ адæмы национ интерестæ хъахъхъæныны хъуыддагæн. Де стыр профессионализм, дæ адæм æмæ сæ историмæ цыт бæрæг у бæстæйы æддагполитикон уагдоны раз лæууæг хæстæ куыд бæрнонæй æххæст кæныс, уымæй».