Парти «Гуырдзиаг фæнд»-ы полисоветы уæнг Тея Цулукианийы сæргълæудæй Гуырдзыстоны райдыдта йæ куыст раздæр архайæг парти «Иугонд национ змæлд» цы фыдракæндтæ сарæзта, уыдон сбæрæг кæныны фæдыл рæстæгмæ архайæг парламентон къамис. Къамис арæзт æрцыд 2025 азы æртхъирæны мæйы 5-æм бон.
Нысан куыд цæуы, афтæмæй къамис æвзардзæн канд 2003 азæй 2012 азмæ сарæзт фыдракæндтæ нæ, фæлæ ма бавналдзæн 2012 азы фæстæ афонмæ дæр. Уыдоны ‘хсæн М.Саакашвили президент цы рæстæг уыд, уæд æрцæугæ цаутæ, сæрмагондæй, 2008 азы майрæмты мæйы трагеди.