35 азы размæ Хуссар Ирыстоны адæм райдыдтой сæ сæрибардзинад, сæ зæххыл хæдбарæй цæрыны бартыл тох кæнын.
1989 азы джеоргуыбайы мæйы 23-æм бон мингай гуырдзиаг националисттæ Звиад Гамсахурдиайы сæргълæудæй гæрзифтонгæй æрбацыдысты Цхинвалмæ нæбасæтгæ ирæттæн «зонд бацамоныны» фæндимæ. Фæлæ сæ фæндтæ сæ къухты нæ бафтыдысты. Ирон адæм æрбаиу сты æмæ сын сæ фæндаг æрæхгæдтой. Уый уыд национ иудзинады æвдисæн.